
Вести. Аланийы хабæрттæ Дыгуры районы кадджын уавæры сбæрæг кодтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон
20 февраля 2025, 10:25
Дыгуры районы кадджын уавæры сбæрæг кодтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы бон. Ацы мадзалæй байгом кодтой Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы аз дæр. Мадзалмæ æрбацыдысты районы администрацийы, æхсæнадон организациты минæвæрттæ, æфсæддон-интернационалисттæ, æвзонг хæстонтæ, скъолаты ахуырдзаутæ, бынæттон цæрджытæ. Кадджын уазджытæ систы, хъæбатырæй цы æмзæххонтæ фæмардысты, уыдоны хæстæджытæ.