
Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 25.02.2025
25 февраля 2025, 09:00
Цæгат Ирыстоны каратины ис 31 рæвдауæндоны æмæ 14 скъолайы. Сергей Меняйло профилон ведомствæтæн бахæс кодта æппæт мадзæлттæй спайда кæнын, цæмæй æхснырсæг æмæ грипп ма парахат кæной. Фыдыбæстæ хъахъхъæнæджы боны кадæн дзуапдæттæг ведомствæтæ бабæрæг кодтой Фыдыбæстæйы Стыр хæсты ветеран Пагæты Алыксандры. Хæсты хъæбатырыл ацы аз сæххæст уыдзæн 100 азы. Абон 85 азы сæххæст уыдаид ирон ахуыргонд-филолог, поэт, æхсæнадон архайæг Джыккайты Шамилыл.