
Вести. Аланийы хабæрттæ Сергей Меняйло разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы æмбырды æрдзырдтой хицаудзинады оргæнтæ сæ хæслæвæрдтæ куыд æххæст кæнынц, ууыл
25 февраля 2025, 10:39
Сергей Меняйло разамынд кæмæн лæвæрдта, уыцы æмбырды æрдзырдтой респубуликæйы хицаудзинады оргæнтæ сæ хæслæвæрдтæ куыд æххæст кæнынц, ууыл. Регионы оперативон уавæрыл дзургæйæ вице-премьер Томайты Ирбег фехъусын кодта, "Уæллаг Ларс"-ы машинæтæ бирæ кæм æмбырд кæнынц, уыцы бынæтты равæрдтой 2 хъармгæнæн пункты. Шофыртæн ласынц дон æмæ продукттæ, территоритæн кæнынц санитарон мадзæлттæ.