
Вести. Аланийы хабæрттæ Эфир от 28.02.2025
28 февраля 2025, 09:00
Республикæйы кусын райдыдта республикон программæ "Ирыстоны намыс", æмæ баст у сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты æмæ ветеранты комплексон ахуырадимæ.Дзæуджыхъæуы арæзт æрцыдысты профессор Тъехты Баграты номарæн кæстытæ. Баст сты ахуыргонды райгуырды 95 азы бонимæ. У 150 наукон иртæстыты æм 15 монографийы автор. Дзæуджыхъæуы уыд документалон киноныв "Самсон"-ы премьерон равдыст. Дзуры, дзуæртты нывтæ аразæг Мæрзойты Самсоны цард æмæ сфæлдыстадыл.