
Вести. Аланийы хабæрттæ Æрæфы районы 4 æрыгон бинонтæн лæвæрд æрцыд сетификаттæ сæ цæрæн уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн
5 марта 2025, 10:23
Æрæфы районы 4 æрыгон бинонтæн лæвæрд æрцыд сетификаттæ сæ цæрæн уавæртæ фæхуыздæр кæнынæн. Уыцы бинонтæй æртæ сты бирæсывæллонджынтæ. Иумæйагæй фæрæзты бæрц у 8 милуан сомæй фылдæр. Уыдонæй 2 милуан сомы онг радих кодтой Æрæфы районы администрацийы бюджетæй. Бинонтæн сертификаттæ радта районы сæргълæууæг Хамыхъоты Роберт.