
Вести. Аланийы хабæрттæ Ирон æвзаг æмæ литературæйæ олимпиадæйы республикон къæпхæн цæуы ахуырадон центр "Вершина"-йы
5 марта 2025, 10:24
Ирон æвзаг æмæ литературæйæ олимпиадæйы республикон къæпхæн цæуы ахуырадон центр "Вершина"-йы. Скъоладзауты зонындзинæдтæ бæлвырд кæндзысты 2 боны: фыццаг бон – ирон æвзагæй, дыккаг бон та – литературæйæ. Архайджытæ сты 9-æм-11-æм кълæсты ахуырдзаутæ. Се *ппæт дæр – муниципалон къæпхæны уæлахиздзаутæ. Бæлвырддæр радзурдзæн Хъайтмазты Дзерассæ.