
Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæу суазæг кодта Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты фыццаг бынат бацахсыны турнир хоккейæ
5 марта 2025, 10:24
Дзæуджыхъæу суазæг кодта Хуссар æмæ Цæгат Кавказы федералон зылдты фыццаг бынат бацахсыны турнир хоккейæ. Ихын аренæйы ерыс кæнынц 12 азы онг спортсментæ. Нæ командæ "Алайнаг стайтæ" 5 хъазтæй рамбылдта 4. Ерыстæ саразынæн баххуыс кодтой Уæрæсейы хоккейы Федераци æмæ республикæйы зымæгон спорты хуызты Скъола. Чехойты Фатимæ радзурдзæн бæстондæр.