
Вести. Аланийы хабæрттæ Республикæйы цæуы национ гвардийы Цæгат Кавказы федералон зылды æфсæдты чемпионат дзюдойæ
6 марта 2025, 10:33
Республикæйы цæуы Уæрæсейы национ гвардийы Цæгат Кавказы федералон зылды æфсæдты чемпионат дзюдойæ. Ерыстæ цæуынц дыууæ боны. Архайынц дзы территориалон управлениты æмæ æфсæддон хæйтты командæтæ. Æдæппæтæй 16 командæйы. Уыдон та сты 95 дзюдоисты. Се хсæн – спорты мастертæ, стæй спорты мастертæм кандидаттæ. Командæтæ адих кодтой 2 къордыл.