
Вести. Аланийы хабæрттæ Дзæуджыхъæуы сырддоны дарддæр цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ
7 марта 2025, 10:34
Дзæуджыхъæуы сырддоны дарддæр цæуынц цалцæггæнæн куыстытæ. 25 азмæ фыццаг хатт баивдзысты вольертæн сæ сæртæ. Æдæппæтæй сты 16. Уымæй уæлдай ма сын фæнд кæнынц сæ пъолтæ ног фæйнæджытæй саразын. Тæдзгæ сыл кæй кодта, уымæ гæсгæ рагæй уыдысты ивинаг. Чехойты Фатимæ радзурдзæн бæстондæр.