
Вести. Аланийы хабæрттæ Парти "Иугонд Уæрæсе"-йы минæвæрттæ арфæ ракодтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты ныййарджытæн æмæ бинойнæгтæн
8 марта 2025, 10:10
Парти "Иугонд Уæрæсе"-йы минæвæрттæ бæрæгбоны фæдыл арфæ ракодтой сæрмагонд æфсæддон операцийы архайджыты ныййарджытæн æмæ бинойнæгтæн. Бацæттæ сын кодтой концертон программæ. Уый æвзонг артистты уарзон зарджытæ æмæ æмдзæвгæтæ. "Иугонд Уæрæсе"-йы регионалон хайады секретары хæдивæг Едзойты Марат æмæ сæрмагонд æфсæддон операцийы ветеранты ассоциацийы сæрдар Магкæты Олег сылгоймæгтæн балæвар кодтой дидинджытæ.