
Вести. Аланийы хабæрттæ Республикæйы сылгоймæгтæй алы къабæзты бæрзонд профессионалон æмвæзадмæ чи схызти уыдонæн кад кодтой Ирон театры
8 марта 2025, 10:07
Абон у сылгоймæгты Æппæтадæмон бон. Республикæйы сылгоймæгтæй алы къабæзты бæрзонд профессионалон æмвæзадмæ чи схызти уыдонæн кад кодтой Ирон театры. 8-æм мартъийы фæдыл сын арфæ ракодта Сергей Меняйло. Уазджытæн загъта бузныг царды фидауц кæй сты, æмæ сыл стыр уаргъ æвæрд кæй ис, уымæй. Йæ зæрдæ сын загъта æнæниздзинад æмæ сылгоймаджы амонд.