
Вести. Аланийы хабæрттæ Мæздæджы арæзт æрцыд æрвылазон традицион турнир волейболæй
7 марта 2025, 10:34
Мæздæджы арæзт æрцыд æрвылазон традицион турнир волейболæй, æмæ баст уыд Фыдыбæстæ Хъахъхъæнæджы азимæ. Архадтой дзы алыхуызон профилактикон хыгъды чи лæууы, ахæм фæсивæд, скъоладзаутæ, студенттæ, стæй пъæлицæйы кусджытæ. Æдæппæтæй 5 командæйы. Волейболон матчтæ рауадысты цымыдисаг æмæ зæрдæмæдзæугæ. Командæтæ равдстой хорз спортивон цæттæдзинад.